29 Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй лӕвӕрд у. Уымӕн та Йӕ фӕндтӕ, Йӕ уынаффӕтӕ ӕмбисонды диссаг сты, Йӕ уӕлзондӕн ӕмбал нӕй.
Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры.
Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕгӕрон, зонд сӕ нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон дӕр нӕй.
Уӕздӕттӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц, ӕз та, Дӕ цагъар, хъуыды кӕнын Де ’Гъдауыл.
Кувын ӕз: «О Дунедарӕг! Батӕригъӕд мын кӕн! Сдзӕбӕх мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын дӕн Дӕ разы!»
Дӕ уынаффӕтӕ сты ныфсы хос, Дӕ хӕдзар ӕнустӕм уаз рухсӕй фӕлыст у!
Уынаффӕ ӕмӕ ӕнтыст мӕнмӕ сты; ӕз зонд дӕн, ӕмӕ хъару мемӕ ис.
Хортӕ та, куыннӕ ныцъцъӕл, куыннӕ ныммур уой, афтӕ сӕ банай кӕнынц, чъеурийы цӕлхытыл бӕхтӕ баифтындзынц, афтӕмӕй.
Афтӕмӕй куырыхон у Уый: фыдбылыз ӕруадздзӕн ӕмӕ Йӕ фӕнд нӕ аивдзӕн. Уый сыстдзӕни ӕнӕхуыцӕутты, фыдгӕнджытӕн ӕххуыс чи куры, уыдоны ныхмӕ.
цӕмӕй феной ӕмӕ базоной, ӕркӕсой ӕмӕ бамбарой: Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы, конд сты».
Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.
Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды.
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!