27 Хъонтхора дӕндагджын тулӕнӕй нӕ най кӕнынц, тминыл нӕ ауадзынц чъеурийы цӕлхытӕ — дзӕккортӕй сӕ ныххойынц.
Йоахазмӕ ма ӕдӕппӕтӕй баззади дӕс хӕстон уӕрдоны, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз уӕрдонджыны, стӕй дӕс мин фистӕг хӕстоны, уымӕн ӕмӕ сӕ Арамы паддзах ныддӕрӕн кодта.
Зондджын паддзах ӕнӕхуыцӕутты дымгӕмӕ ныддары, найгӕнӕнӕй сӕ бассӕнды.
Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у, Уый йын амоны хуым кӕныны фӕтк.
Хортӕ та, куыннӕ ныцъцъӕл, куыннӕ ныммур уой, афтӕ сӕ банай кӕнынц, чъеурийы цӕлхытыл бӕхтӕ баифтындзынц, афтӕмӕй.
Ӕз уӕ сарӕзтон найгӕнӕн дзоныгъ, цыргъдӕндагджын, ӕмӕ банай кӕндзыстут, ныххафдзыстут хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ, рыг сӕ фестын кӕндзыстут.
О Дунедарӕг, бафхӕр мӕ, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ! Аккаг ӕфхӕрд мын ратт, фӕлӕ мӕ сафгӕ ма фӕкӕн!
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, Ӕз демӕ дӕн. Ӕз дӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, фӕлӕ ныр се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн. Ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ ныццӕгъддзынӕн. Раст тӕрхон дын рахӕсдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дамаскы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, Галаады хох ӕфсӕн найгӕнӕнтӕй кӕй ныссӕста, уый тыххӕй.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, хъонтхора ӕмӕ зирайӕ дӕсӕймаг хай дӕттут, йӕ ахъаззӕгтӕ та — рӕстдзинад, хӕрзаудӕн ӕмӕ уырнындзинад — ницӕмӕ дарут. Сымахӕн адӕттӕ кӕнын дӕр ӕмбӕлд ӕмӕ уын уыдӕттӕ дӕр рохуаты ныууадзын нӕ хъуыд.