Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 28:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 28:16
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Фӕлӕ йӕ фат ӕмӕ йе ’рдын ӕндӕрхуызон дӕр нӕ фесты, йӕ цонджы хъаруйыл ын бафтыдта Йаковы Хъомысджын Хуыцау. Уый фӕрцы сдӕ Израилӕн йӕ фыййау, йӕ ныфсы мӕсыг ды.


Сӕумӕцъӕхӕй Текоайы ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Куы рацӕйцыдысты, уӕд Иосафат сыстади ӕмӕ загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ӕууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ӕмӕ нӕ фӕцуддзыстут! Ӕууӕндут Ын Йӕ пехуымпартыл ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзыстут!»


Хынджылӕггаг ӕмӕ мын аллайаг ма фӕкӕн мӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын.


Зарӕг. Корахы фыртты псалом. Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат леаннот»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Зарахы байзӕддаг Хеманы зондамонӕн псалом.


Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы ацы адӕмы минӕвӕрттӕн? Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы, Сион сфидар кодта Дунедарӕг, ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».


Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!


Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.


Ды уый тыххӕй федтай, хохӕй йӕхи ӕгъдауӕй дур куыд фӕхицӕн ис ӕмӕ ӕфсӕйнаг, ӕрхуы, ӕлыг, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин куыд базгъӕлӕнтӕ сты, уый. Гъе, афтӕ стыр Хуыцау паддзахӕн базонын кодта фидӕны цаутӕ. Фыны цыдӕриддӕр федтай, уыдон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ дын дӕ фын раст кӕй райхӕлдтон, ууыл гуырысхо ма кӕн».


Иудӕйы хӕдзарӕй равзӕрдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, цатыры мих ӕмӕ хӕстон ӕрдын, алы фӕтӕг дӕр рацӕудзӕнис уымӕй.


Мӕнӕ ис, Йешуайы раз цы дур сӕвӕрдтон, уый. Ис ыл авд цӕсты. Ӕз ыл, цы фыстытӕ хъӕуы, уыдон скӕрддзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ ацы зӕххы тӕригъӕд иу бонмӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн.


Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?


Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕн».


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».


Бындур ӕвӕрд у, ӕмӕ ӕндӕр бындур сӕвӕрын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ ӕвӕрд бындур Йесо Чырысти у.


Сымах дӕр лӕуут, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй сарӕзтой, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг кӕмӕн у, уыцы бындурыл.


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ