Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 28:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Дунедарӕджы ныхас сын сси дзӕгъӕл дзӕнгӕда, иугӕндзон дыгъал-дыгъул, ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндагыл цӕудзысты ӕмӕ уӕлгоммӕ ахаудзысты; уӕнгсаст фӕуыдзысты ӕмӕ къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 28:13
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ иугӕндзон дыгъал-дыгъул, йӕ ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр куы иу ранӕй райхъуысы, куы иннӕ ранӕй».


Куырмытау быруйы ӕнцӕйтты цӕуӕм. Рухс бонрӕфты фӕцӕйкӕлӕм, талынджы цӕуӕгау. Нӕ цардӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны мардау стӕм.


Уый аххосӕй уӕ Ӕз Мӕ пехуымпарты дзыхӕй цавтон, Мӕ дзыхы дзырдӕй уӕ мардтон. Хурыскастау ссыгъди уӕ сӕрмӕ Мӕ тӕрхон.


Ӕз ын ныффыстон Мӕ ахсджиаг ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ сӕ уый ӕнӕхъӕугӕйыл банымадта.


Растдӕр сыл ӕрцыди Исайайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут.


Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъист уыдзӕн йӕ быны».


Давид та зӕгъы: «Сӕ минасы фынгтӕ сын фестӕнт ахсӕн хызтӕ ӕмӕ къӕппӕг, уадз ӕмӕ дзы бахауой ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуа.


Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та — царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?


Афтӕ Павел фыссы йе ’ппӕт фыстӕджыты, уыдӕтты кой куы фӕкӕны, уӕд. Йӕ фыстыты ис зынӕмбарӕн бынӕттӕ, ӕмӕ сӕ ӕнӕфенд ӕмӕ, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, уыдон зыгъуыммӕ кӕнынц Сыгъдӕг Фысты иннӕ хӕйттау ӕмӕ уый аххосӕй фесӕфынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ