11 Уый тыххӕй Дунедарӕг ацы адӕмимӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕцӕгӕлӕтты ӕвзӕгтыл дзурдзӕни.
Никуыуал фендзыстут уыцы къӕйных адӕмы, нал сын фехъусдзыстут се ’нахуыр, сӕ зынӕмбарӕн ӕвзаг.
Израилы хӕдзарвӕндаг, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн Ӕз дардӕй ӕрбакӕндзынӕн рагон ӕмӕ тыхджын адӕмы. Се ’взаг сын нӕ зоныс, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ не ’мбардзынӕ.
Зынхатӕн ныхас ӕмӕ къуымых ӕвзаг кӕмӕн ис, ахӕм адӕммӕ дӕ не ’рвыстӕуы, фӕлӕ — Израилы адӕммӕ.
Ӕгъдауы фыст ис: «Ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕцӕгӕлон ныхасыздӕхтӕй дзурдзынӕн ацы адӕмимӕ, фӕлӕ Мӕ уӕддӕр нӕ фехъусдзысты», — зӕгъы Дунедарӕг.
Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,