7 Рӕстаг лӕгӕн йӕ фӕндаг раст у — Дӕхӕдӕг ӕй кӕныс рӕствӕндаг.
Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.
уӕд мӕ раст тӕрӕзтыл сбарӕнт, ӕмӕ Хуыцау базондзӕн, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уый.
Уымӕн ӕмӕ рӕстудты фӕндагмӕ Дунедарӕг Йӕ цӕст дары, фыдгӕнджыты фӕндаг та сӕфтмӕ кӕны.
Дунедарӕг фесафдзӕн алы козбау ӕвзаджы хицауы, хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн.
Дунедарӕджы ныхӕстӕ сыгъдӕг сты, куынцгомы кӕй бахсыстӕуыд ӕмӕ авд хатты кӕй батайын чындӕуыд, ахӕм ӕвзистау.
Ӕз сайӕгойтимӕ ӕмдзӕхдон никуы уыдзынӕн, мӕнгӕрдтимӕ иу фӕндагыл нӕ ацӕудзынӕн.
Ӕнӕуынон мын у фыдгӕнджыты ӕмбырд, ӕнӕхуыцау адӕмимӕ не ’рбаддзынӕн.
О Дунедарӕг, Дӕ рӕстады фӕндагыл мӕ араз! Ме знӕгты фыдӕнӕн мын слӕгъз кӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг!
Сыгъдӕгзӕрдӕйы йӕ раст зонд кӕны раст фӕндагыл, ӕнӕхуыцауы йӕ фыдбылызтӕ фесафынц.
Рӕстуд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕры, йӕ байзӕддӕгтӕн тӕхудиаг у сӕ фидӕн.
Фӕлитой галиу фӕндагыл цӕуы, сыгъдӕгзӕрдӕйӕн йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕууӕнкджын.
Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.
Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;
Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!
Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.
Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.
Сындӕг-иу рацӕут, тындзгӕ цыдӕй нӕ, фӕлӕ. Ма-иу разгъорут, уымӕн ӕмӕ уыл разӕй дӕр ӕмӕ фӕсте дӕр ауддзӕни Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.
ӕмӕ ӕрӕнцайы. Раст фӕндагыл чи цӕуы, уыдон сӕ удтӕн ӕнцой ссардзысты.
Дунедарӕг, ӕз базыдтон, адӕймаг йӕ цардвӕндагӕн хицау кӕй нӕу, уый, фӕндаггонӕн йӕ къахдзӕфтыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы.
Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».
Дунедарӕг сахары у рӕстгӕнӕг, галиу хъуыддагӕй ницы аразы. Ӕрвылрайсом, куыддӕр хур скӕсы, афтӕ раргом кӕны Йӕ тӕрхон, фӕлӕ фыдгӕнӕг ӕфсарм нӕ зоны.
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.
Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыд, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ.
Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ хӕйрӕджы цотӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе ’фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.
Мӕ хуртӕ, мачи уӕ асайӕд. Рӕстӕй чи цӕры, уый рӕстгӕнӕг у, Чырысти рӕстгӕнӕг куыд у, афтӕ.