Исайа 26:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст18 Мах дӕр сылгоймагау уыдыстӕм ӕвгъӕддон, фӕлӕ дымгӕ йеддӕмӕ ницы ныййардтам. Нӕ бон нӕу ацы зӕхх фыдӕвзарӕнӕй бахизын, ног цӕрджытӕ йыл рантысын кӕнын. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Ау, Ионатан хъуамӕ амӕла, Израилӕн ахӕм стыр уӕлахиз чи ӕрхаста, уый? Тобӕ зӕгъ! Сомы кӕнӕм Дунедарӕгӕй, йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын абон Хуыцау радта уыцы уӕлахиз». Афтӕмӕй адӕм фервӕзын кодтой Ионатаны: йӕ сӕры хыгъдмӕ ӕрхастой нывонд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззади.