17 А зӕххы цӕрджытӕм гӕппӕввонгӕй лӕууынц ӕвирхъау тас, хъоргъ ӕмӕ ахсӕн хыз.
Хазаелы кардӕй чи аирвӕза, уый йӕ мӕлӕт ссардзӕн Йегуйы къухӕй, Йегуйы кардӕй чи аирвӕза, уый та йӕ мӕлӕт ссардзӕн Елисейы къухӕй.
Йӕхи къахӕй къӕппӕгмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ахст ӕрцӕудзӕн.
Уый уыдзӕни уаз — Израилы дыууӕ паддзахады кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы дур ӕмӕ уыцы къӕдзӕх, Йерусалимы цӕрджытӕн — къӕппӕг ӕмӕ ахсӕн хыз.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн.
Уыцы фыд адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдоны Ӕз кӕдӕмфӕнды куы фӕсурон — алы ран дӕр сын мӕлӕт цардӕй бӕллиццагдӕр суыдзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Цыма бӕрӕгбон ралӕууыди, уыйау Ды алырдыгӕй ӕрбахуыдтай бӕллӕхтӕ. О, Дунедарӕджы азары бон, иунӕг дӕр куы нӕ фервӕзт! Кӕй фӕхастон, кӕй фӕрӕвдыдтон, — ныццагътой се ’ппӕты дӕр знӕгтӕ!
Хъоргъ ӕмӕ ӕвирхъау тас — нӕ хал. О, сӕфт, бӕллӕх!
Кардӕй тӕрсут, ӕмӕ уӕ Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ цыппар ӕфхӕрды — кард, стонг, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ емынӕ — куы ныххуырсон Йерусалимыл, йӕ адӕм ӕмӕ йын йӕ фосы куы ныццӕгъдон,
Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.