14 Адӕмтӕй ма чи баззайа, уыдон хъӕлӕсыдзагӕй стаудзысты Дунедарӕджы кад, ныгуылӕнӕрдыгӕй сӕ цины хъӕр хъуысдзӕн.
Дунедарӕг, Ды — мӕ Хуыцау! Стауын Дӕ — кад Дын кӕнын Дӕ номӕн! Ды сарӕзтай ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ — цы фӕнд дӕм ӕрцыди рагзаманы, уый ныр сӕххӕст кодтай, иузӕрдион Хуыцау!
Уыцы бон Иудейы зӕххыл ахӕм зарӕг сисдзысты: «Нӕ сахар хъомысджын у, фидар! Хуыцау нӕ фервӕзын кодта, сахары алыварс сис ӕмӕ сыджытбыру самайӕгау.
«Уыцы уӕлахизы бон-иу алӕмӕты сӕндоныл зарут:
Дунедарӕг сӕрибар кӕмӕн радта, уыдон здӕхдзысты уыцы фӕндагыл Сионмӕ. Азӕлдзӕн дардыл сӕ цинхъӕр, мыггагмӕ сӕ цӕстытӕй ивылдзӕн цин. Алцӕмӕй уыдон уыдзысты райгонд, ферох кӕндзысты сӕ хъыг ӕмӕ маст.
Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!
Бӕрзонд хохмӕ схиз, Сионы сахар, фарны уац хӕссӕг! Дӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕн, фарны уац хӕссӕг Йерусалим! Ныхъхъӕр кӕн, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс! Мӕнӕ — уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, зӕгъ Иудейы сахартӕн!
Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.
Рацӕут Вавилонӕй, лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй, цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац, хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм, дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары, Йаковы байзӕддаджы!»
Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кӕна, уыдон цингӕнгӕ ӕрбаздӕхдзысты Сионмӕ, ӕнусон цин ӕнхъӕвздзӕни сӕ сӕрмӕ. Цинӕй райдзысты, мӕт ӕмӕ хъынцъымӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.
«Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый! Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уый! Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот уыдзӕни моймӕдзыдӕй». Афтӕ загъта Дунедарӕг Сионы сахарӕн.
Куы сӕ фенай, уӕд дӕ цӕсгом барухс уыдзӕн. Фыр цинӕй дӕ зӕрдӕ нырриздзӕни, арвыл абаддзӕн. Адӕмты хъӕздыг фӕллӕйттӕ дӕ къухы бафтдзысты, денджызы сӕрты дӕм ӕрбахӕццӕ уыдзысты.
Арфӕйы зарджытӕ, цины хъӕртӕ дзы райхъуысдзысты. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ нал фӕкъаддӕр уыдзысты; скадджын сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕгады бынатмӕ нал ӕрхаудзысты.
Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.
«Сраст нӕ кодта Дунедарӕг! Цомут ӕмӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъуыддӕгтӕ Сионы фехъусын кӕнӕм».
Дунедарӕг зӕгъы: „Цин кӕн, Сионы чызг! Уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн“.