23 Ӕз ӕй зӕгӕлау бӕстон ныффидар кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ мыггаджы кад бӕрзонд сисдзӕни.
Фӕлӕ нын чысыл фӕстӕдӕр Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, батӕригъӕд кодта, кӕйдӕрты нӕ мӕлӕтӕй бахызта ӕмӕ нӕ Йӕ рухс хӕдзары цур ӕрцӕрын кодта. Нӕ цӕстытӕй нӕ ракӕсын кодта ӕмӕ нын нӕ цагъары уавӕры дӕр иу чысыл нӕхиуыл схӕцыны фадат радта.
Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.
Ахӕм рӕстӕг ды дӕ дзыхыл куы ныххӕцай, уӕд иудейӕгтӕн ӕндӕр ранӕй ӕххуыс уыдзӕн, ды та фесӕфдзынӕ, дӕ тъымы-тъымайӕн та дын „мӕн у“ зӕгъӕг дӕр нал уыдзӕн. Кӕд дӕм, мыййаг, паддзахы бадӕн ацы заманы тыххӕй ӕрхауд?»
Рӕстудӕй нӕ аздахдзӕн Йе ’ргом, паддзӕхтимӕ йӕ ӕмсӕр скӕндзӕн, мыггагмӕ йӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
Куырыхонты ӕмбисӕндтӕ — фос тӕрӕджы лӕдзӕджы ӕнгӕс, хост зӕгӕлтау адӕймаджы зӕрдӕйы ахизынц. Чи сӕ фыста, уыдоны иу Фыййау рарвыста.
Фидар зӕгӕлау уромдзӕни ӕмӕ нӕ фӕцудын кӕндзӕн йӕ фыды хӕдзары кад, цудын нӕ бауадздзӕн йӕ байзӕддаджы кад дӕр — цотӕй, цоты цотӕй. Йӕ бар уыдзысты суанг йӕ хӕдзары мигӕнӕтӕ дӕр, чысыл къусӕй дурыны онг».
«Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — фидар ран цы зӕгӕл ныкъкъуырдӕуыд, уый сызмӕлдзӕн ӕмӕ рахаудзӕн, цыдӕриддӕр ыл ауыгъд уыди, уыдон ныппырх-нызгъӕлӕн уыдзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Иудӕйы хӕдзарӕй равзӕрдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, цатыры мих ӕмӕ хӕстон ӕрдын, алы фӕтӕг дӕр рацӕудзӕнис уымӕй.
Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.
Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.