10 Йерусалимы хӕдзӕрттӕй-иу, фехалӕн дзы кӕй уыд, ахӕмтӕ равзӕрстат ӕмӕ-иу сӕ фехӕлдтат, цӕмӕй сын сӕ хӕлддзӕгтӕй сахары быру бампъузат.
Сахартӕ бырутӕй куы сӕхгӕдта, уӕд сын хицӕуттӕ сӕвӕрдта. Алы сахары дӕр сарӕзта ӕфтауцуӕттӕ: хойраг, сой ӕмӕ сӕнӕн.
Быруйы къулрӕбын ног донуат скъахтат ӕмӕ йӕм зӕронд цадӕй дон рауагътат. Фӕлӕ сымах, ӕппӕт адӕтты тыххӕй рагацау уынаффӕ Чи рахаста, Уымӕ нӕ кастыстут, ӕмӕ уыдӕттӕ раджы заманы Чи сфӕнд кодта, Уымӕ уе ’ргом нӕ раздӕхтат.
Сымах федтат, Давиды сахары быру бирӕ рӕтты къахыртӕ ӕмӕ пырхытӕ кӕй уыд, уый. Дон ӕфтауц кодтат Дӕллаг Цады.
Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ фырт Шеар-Йашувимӕ Ахазы размӕ ацу, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уымӕн йӕ ратӕдзӕнмӕ.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ацы сахары хӕдзӕртты ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуанты, фыдгулты кардӕй чи ныппырх уыдзӕн, уыдоны тыххӕй зӕгъы:
Фӕндӕгтӕй иуыл кард цӕудзӕн аммонӕгты сахар Раввамӕ, иннӕуыл та — Иудеймӕ, Йерусалимы фидармӕ.
Цы Къӕдзӕх уӕ ныййардта, Уый ныууагътат, Кӕй фӕрцы рантыстыстут, Уыцы Хуыцауы ферох кодтат.