Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 19:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уыцы заман Мысырӕй Ассирийы ’хсӕн уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг, стыр бастдзинӕдтӕ. Ассириӕгтӕ цӕудзысты Мысырмӕ, мысырӕгтӕ та — Ассиримӕ, ӕмӕ мысырӕгтӕ ассириӕгтимӕ иумӕ кувдзысты Дунедарӕгмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 19:23
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хъизӕмарӕй мӕлын, мӕрдтыбӕсты къӕсӕрыл лӕууын.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Уӕд, Дунедарӕгӕн Ассирийы цы адӕм баззайа, уыдон уырдыгӕй здӕхдзысты уӕрӕх фӕндагыл, кӕддӕр Израилы адӕм Мысыры зӕххӕй куыд здӕхтысты, афтӕ.


Уыцы заман Израил Мысыр ӕмӕ Ассирийӕн суыдзӕни се ’ртыккаг ӕмбал — се ’мдӕндаг. Ӕмӕ Израилы фӕрцы ӕгас зӕхх дӕр арфӕгонд фӕуыдзӕн.


Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.


Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


Сӕ фӕндагыл сын ӕмраст-ӕмлӕгъз скӕндзынӕн хӕхтӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».


Йерусалимы цӕрджытӕ, цӕугӕут, ахизут уӕ сахары кулдуарыл ӕрцӕттӕ кӕнут адӕмӕн фӕндаг, слӕгъз ӕй кӕнут, йӕ дуртӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнут, адӕмтӕн уӕ тырыса сисут нысанӕн!


Уӕд Мӕм алы мӕйног ӕмӕ ӕрвылсабат иууылдӕр цӕудзысты, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр зоныг кӕндзӕни Мӕ разы.


Уыцы бон дӕм дунейы алы кӕрӕттӕй адӕм цӕудзысты: Ассирийӕ — Мысыры сахарты онг, Мысырӕй — Евфраты онг, иу денджызӕй иннӕ денджызмӕ, хохӕй хохмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ