Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 19:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уыцы бон Дунедарӕгӕн Мысыры бӕстастӕу ӕвӕрд ӕрцӕудзӕни нывондхӕссӕн, йӕ арӕныл та — Дунедарӕджы уаз дур:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 19:19
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Йаков сыстади сӕумӕйӕ, йӕ нывӕрзӕнӕй дур райста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нысанӕн, оливӕйы сой йыл рауагъта.


Зарӕджы ӕппӕлдзынӕн Хуыцауы номӕй, Йе стырад Ын кады зарӕгӕй стаудзынӕн.


Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл.


уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар».


Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй лыстӕг фос, дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа, уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн.


Уӕд Мӕм алы мӕйног ӕмӕ ӕрвылсабат иууылдӕр цӕудзысты, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр зоныг кӕндзӕни Мӕ разы.


Мысыры бӕстӕйы, мысыраг фараон Нехойы ӕфсады тыххӕй. Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман ӕй вавилойнаг паддзах Навуходоносор Каркемишы, Евфраты доны был, ныддӕрӕн кодта.


Дӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ дыууадӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:


Иуӕндӕсӕм азы ӕртыккаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Адӕм дард рӕттӕй ӕрбацӕудзысты ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндон аразыны хъуыддаджы архайдзысты. Ӕмӕ базондзыстут, сымахмӕ мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. Уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты, уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куы хъусат, уӕд».


Махӕн ис, Уаз цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн.


Ханааны зӕххы, Иорданмӕ хӕстӕг цы Гелилот ис, уымӕ куы ’рбахӕццӕ сты, уӕд Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис уыцы ран сарӕзтой егъау нывондхӕссӕн.


Уымӕ гӕсгӕ мах загътам: „Нӕхицӕн нывондхӕссӕн саразӕм, фӕлӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссынӕн нӕ.


Уадз ӕмӕ уыцы нывондхӕссӕн махӕн дӕр ӕмӕ сымахӕн дӕр, стӕй нӕ фӕстагӕттӕн дӕр уа ӕцӕг ӕвдисӕн, нӕ иууылсудзинӕгтӕ, нӕ кусӕрттаг нывӕндтӕ ӕмӕ нӕ арфӕтӕй нӕ бон Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн, цӕмӕй уӕ байзӕддӕгтӕ фидӕны нӕ байзӕддӕгтӕн ма бауайдзӕф кӕной, сымах Дунедарӕджы адӕм не стут, зӕгъгӕ“.


Намӕ нын куы бауайдзӕф кӕной, уӕд сын раттын хъӕудзӕн ахӕм дзуапп: „Уынут Дунедарӕджы нывондхӕссӕны халдих? Уый нӕ фыдӕлтӕ иууылсудзинӕгтӕн ӕмӕ кусӕрттаг нывӕндтӕ хӕссынӕн нӕ сарӕзтой, фӕлӕ мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн ӕвдисӕнӕн“.


Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ сӕ нывондхӕссӕн схуыдтой Ед. Загътой: «Ацы нывондхӕссӕн нӕ дыууӕтӕн дӕр у, Дунедарӕг нӕ Хуыцау кӕй у, уый ӕвдисӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ