Исайа 14:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст31 Сахары кулдуар, дзыназ! Нырдиаг кӕн ды дӕр, сахар! Фыр тӕссӕй ризут, филистимӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй ӕрбаввахс сты фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ — уый ӕрбацӕуы ӕфсад, бырсынц ӕмдых-ӕмзондӕй. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатӕй, гуылфгӕнгӕ, ӕрбацӕуынц цӕугӕдӕттӕ. Уӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр фӕдӕлдон уыдзысты. Бӕхты къӕхты хъӕр, бӕхуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ сӕ цӕлхыты уынӕрӕй адӕм ныдздзыназдзысты. Ӕгас бӕстӕйы цӕрджытӕ ныккӕудзысты. Ныййарджытӕн сӕ цӕнгты хъару фесӕфдзӕн, ӕмӕ сӕ цотмӕ фӕстӕмӕ нал ракӕсдзысты.