26 Хуыцау тӕрхон кӕндзӕни зӕххы цъарӕн, ӕппӕт адӕмтӕм сисдзӕни Йӕ къух.
Баивӕзтай Дӕ къух — зӕхх аныхъуырдта знаджы.
Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.
Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.
Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны, ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.
Йӕ къухтӕ ма ленкгӕнӕгау цасфӕнды тилӕд — Хуыцау ӕй уӕддӕр ӕрныллӕг кӕндзӕн — цыфӕнды тылд кӕнӕд йӕ къухтӕ.
Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бадар.
Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.