21 Ацы паддзахӕн хъуамӕ йӕ фырттӕ дӕр амӕлой сӕ фыды азымы тыххӕй, науӕд та уын иуахӕмы бацахсдзысты уӕ зӕхх сӕ сахартӕй байдзаг кӕндзысты ӕгас дуне.
Мигътӕ Йӕ фӕндонӕй зилдух кӕнынц, сӕ хуыз аивынц; Уый сын куыд фӕзӕгъы, афтӕ кӕнынц ӕгас зӕххы къорийыл.
Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,
Сӕ сабиты сын сӕ цӕсты раз амардзысты, сӕ хӕдзӕрттӕ хӕлӕттаг фӕуыдзысты, сӕ устытӕй сын фӕхынджылӕг кӕндзысты.
Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ ног уидӕгтӕ ауадздзысты. Израил ног талатӕ суадздзӕн ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн, ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.
Чи ма уӕ аирвӕза, уыдон та фыдгулты зӕххытыл уӕлхъӕдӕй бамбидзысты, сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй.
Уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл цы раст адӕмы туг фӕкалди, уый уын иууылдӕр фидинаг фӕуыдзӕн: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, суанг Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захариайы туджы онг.