Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 14:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Алы адӕмты паддзӕхтӕ кад ӕмӕ цытимӕ хуыссынц, алчи — йӕхи зӕппадзы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 14:18
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рацыдысты йӕм, фӕлӕ дзы сӕрыкъуыдыр ӕмӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхты стджытӕй уӕлдай ницыуал ссардтой.


Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, паддзӕхты зӕппадзы, уымӕн ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ арӕзта Израилы, лӕггад кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ Кувӕндонӕн.


Уӕззау цӕфӕй йӕ куы ныууагътой, уӕд паддзахы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой, сауджын Йеходайы фырты кӕй амарын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ амардтой йӕ сынтӕджы. Йӕ мард ын бавӕрдтой Давиды сахары, ӕрмӕст паддзӕхты зӕппадзы нӕ.


ныр сӕ арӕзтытӕ хӕлддзаг кӕмӕн сты, кӕддӕры уыцы паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уынаффӕгӕнджытимӕ;


Зонын ӕй, маргӕ мӕ кӕныс, удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕдӕм бацӕуынц, уырдӕм у мӕ фӕндаг.


Искуыдӕм бӕрзонд схизынмӕ йӕ ныфс нал хӕсдзӕн, цӕугӕ дӕр кӕндзӕн тӕрсгӕ-ризгӕйӕ. Йӕ дзыккутӕ ӕхсӕр бӕласы дидинджытау сурс уыдзысты, цъырцъыраг дӕр ӕм уӕззау кӕсдзӕн, йӕ монцтӕй ницыуал баззайдзӕн. Афтӕмӕй йе ’нусон хӕдзармӕ ацӕудзӕн, фӕндагыл йӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты хъарӕггӕнджытӕ.


Адӕймагӕн сӕдӕ сывӕллоны куы уа, зӕронды бонтӕм куы фӕцӕра, фӕлӕ йӕ цӕргӕбонты амондджын куынӕ уа ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй куы баззайа, уӕд ӕфтыддаг амондджындӕр у.


дуне-иу ӕдзӕрӕг быдыр чи фестын кодта, сахартӕ та — хӕлддзӕгтӕ, йӕ уацайрӕгтӕн сӕрибар чи нӕ лӕвӕрдта?»


Дӕу та ингӕны нӕ бавӕрдтой, аппӕрстой дӕ хус къалиуау. Мӕрдты ’хсӕн, карды амӕттаг чи баци, уыдоны астӕу хуыссыс; дурастӕрд ингӕны дӕ ныппӕрстой, сӕ къӕхтӕй дын дӕ мард ссӕндынц адӕм.


ам, зӕгъ, цы агурыс, чи дын, зӕгъ, радта уыцы бар, ӕмӕ ам, уӕлвӕзы, къӕдзӕхыл, дӕхицӕн скӕнай зӕппадз, айнӕджы хуылфы — хӕдзар?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ