Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 14:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 дуне-иу ӕдзӕрӕг быдыр чи фестын кодта, сахартӕ та — хӕлддзӕгтӕ, йӕ уацайрӕгтӕн сӕрибар чи нӕ лӕвӕрдта?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 14:17
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Чи дӕ уыны, уыдон дӕм ӕдзынӕг кӕсынц ӕмӕ дыл дисӕй мӕлынц: «Ай, зӕхх кӕй азарӕй рызти, уый у, паддзахӕдтӕ-иу чи ныууыгъта,


Алы адӕмты паддзӕхтӕ кад ӕмӕ цытимӕ хуыссынц, алчи — йӕхи зӕппадзы.


Ӕз басидтӕн Кирмӕ, сразӕнгард ӕй кодтон Мӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ йын йӕ развӕндаг слӕгъз кӕндзынӕн. Уый Мын ногӕй сараздзӕни Мӕ сахар, уацарӕй ссӕрибар кӕндзӕни Мӕ адӕмы, мызд ӕмӕ лӕвӕрттӕ нӕ бацагурдзӕн, афтӕмӕй», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Мӕнӕ уын, Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый: уацайрӕгтӕн сӕ хъадамантӕ ныссӕтт, се ’фсондз сын сис сӕ бӕрзӕйӕ, ӕфхӕрд адӕмӕн ратт сӕрибар ӕмӕ макӕйуал бассӕнд.


Дӕ уаз сахартӕ федзӕрӕг сты. Федзӕрӕг ис Сион, гӕныстон фестад Йерусалим.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Иудӕ ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ ӕфхӕрд ӕййафынц. Уацары сӕ чи акодта, уыдон сыл фидар хӕцынц, ауадзын сӕ нӕй сӕ зӕрды.


Ассирийы цыртытӕ — мӕрдтыбӕстӕн суанг йӕ тӕккӕ арфы, йӕ цырты алыварс — йе ’ппӕт ӕфсад; уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон иууылдӕр куы бабын сты кардӕй.


Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Сӕ развӕндагыл бӕстӕ артау судздзӕнис, сӕ фӕстӕ арты ’взӕгтӕ алцы ныхъуырдзысты. Сӕ разӕй зӕхх — Едемы дыргъдон, сӕ фӕстӕ та — ӕдзӕрӕг быдыр. Ничи аирвӕздзӕн уыдонӕй.


Карз ӕмӕ тӕссаг сты, сӕхӕдӕг сты хицӕуттӕ сӕхицӕн, сӕхи ’гъдӕуттӕ сын ис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ