Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 14:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Фӕлӕ ды ӕппӕрст ӕрцыдтӕ мӕрдтыбӕстӕм, зындоны арфмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 14:15
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Чи дӕ уыны, уыдон дӕм ӕдзынӕг кӕсынц ӕмӕ дыл дисӕй мӕлынц: «Ай, зӕхх кӕй азарӕй рызти, уый у, паддзахӕдтӕ-иу чи ныууыгъта,


Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.


Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.


Уӕдӕ донбыл сагъд бӕлӕстӕй йӕ зӕнджы бӕрзондӕй макӕцы раппӕлӕд ӕмӕ сӕ ӕврӕгъты онг йӕ цъупп макӕцы сисӕд. Дон нуазӕг бӕлӕстӕй йӕхи макӕцы уӕлдӕр кӕнӕд иннӕтӕй, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты мӕлӕтмӕ — ингӕнмӕ, мӕрдтыбӕстӕм цы адӕм ныххызтысты, уыдонимӕ».


Мӕрдтыбӕстӕм ӕй куы ныппӕрстон, ингӕнтӕм чи ныххызти, уыдонмӕ, уӕд йӕ афӕлдӕхты уынӕрӕй нынкъуысыдысты адӕмтӕ, дӕлдзӕхы та ныццин кодтой Едемы ӕппӕт бӕлӕстӕ, стӕй Ливаны кӕддӕры донӕфсӕст ӕвзаргӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.


Ассирийы цыртытӕ — мӕрдтыбӕстӕн суанг йӕ тӕккӕ арфы, йӕ цырты алыварс — йе ’ппӕт ӕфсад; уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон иууылдӕр куы бабын сты кардӕй.


Дӕ къӕйных зӕрдӕ дӕ фӕсайдта, къӕдзӕхты ’хсӕн цӕрыс ӕмӕ дзурыс: «Чи мӕ раппардзӕни зӕхмӕ?»


Науӕд ды, Капернаум, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕ арвмӕ сисдзысты? Нӕ, дӕлзӕхмӕ ныххаудзынӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ федтай, уыдон Содомы куы равдыстӕуыдаид, уӕд ма уый абон дӕр ма йӕ бынаты лӕууид.


Ӕмӕ дӕу дӕр, Капернаум, ӕнхъӕлыс, уӕларвмӕ систӕуыдзӕн? Нӕ, дӕлдзӕхмӕ ныххаудзынӕ!


Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ