Исайа 14:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст13 Кӕддӕр дӕхимидӕг афтӕ куы дзырдтай: «Уӕларвмӕ ссӕудзынӕн, Хуыцауы рафӕлдыст стъалытӕй бӕрзонддӕр сисдзынӕн мӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ уым, цӕгаты тигъыл, хуыцӕутты ’хсӕн ӕрбаддзынӕн хохыл; အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.