Исайа 11:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст15 Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕни Мысыры скӕнсӕнварс денджызы донбакӕлӕн, Йӕ къух сисдзӕн Евфраты донмӕ дӕр, ахӕм тыхджын дымгӕ йыл рауадздзӕн, ӕмӕ йӕ авд суадоны фестын кӕндзӕн, цӕхгӕрмӕ сыл тӕнӕг дзабырты хиздзысты. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн, уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд? Куы уӕм-иу бадзырдтон, уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис? Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис, Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн. Фӕлӕ Ӕз Ме ’ртхъирӕнӕй басур кӕнын денджыз, цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр, ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй, дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.