33 Мӕнӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ тасӕфтауӕг хъомысӕй бӕлӕсты къалиутӕ ныссӕтдзӕн! Бӕрзонд бӕлӕстӕ акӕлдзысты, бӕрзӕндтӕ ӕрфӕлдӕхдзысты.
ӕмӕ Дунедарӕг зӕды рарвыста. Уыцы зӕд Ассирийы паддзахӕн йӕ сахъ хӕстонтӕ, йе ’фсады хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ фӕтӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагъта. Ӕмӕ паддзах худинаджы гаккимӕ аздӕхти йӕ бӕстӕм. Иуахӕмы йӕ хуыцауы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд ӕй уым йӕ фырттӕ кардӕй амардтой.
Сӕнӕфсир тонын афонӕй раздӕр, сӕнӕфсиртӕ дидинӕг куы ракалой ӕмӕ сӕ гагатӕ рӕгъӕд кӕнын куы байдайой, уӕд сын ӕхсӕдӕн кардӕй ӕркӕрддзысты сӕ къабузтӕ, асӕтдзысты сын сӕ зӕнгтӕ ӕмӕ сӕ аппардзысты.
Их-иу куы ныууара — ӕрмӕстдӕр хъӕды бӕлӕстыл. Сахары цӕрджытӕ-иу дӕлвӕзмӕ ӕрхиздзысты ӕдасӕй, ӕнӕкъуылымпыйӕ.
Дӕ хъӕлӕсы ныннӕрдӕй адӕмтӕ лидзӕг фесты, Дӕ бынатӕй сыстадтӕ — фӕйнӕрдӕм ныххӕлиу сты.
Йӕ хуыцау Нисрохы кувӕндоны кувгӕ куыд кодта, афтӕмӕй йӕ кардӕй амардтой йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Сарецер ӕмӕ алыгъдысты Арараты бӕстӕм. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Есар-Хаддон.
Уӕд дӕлдзиныггонд ӕрцӕудзысты адӕм ӕмӕ алчидӕр сӕрныллӕг суыдзӕн, хъалтӕ дӕр ӕруадздзысты сӕ сӕртӕ.
Дӕ ныхмӕ дын сафджытӕ сцӕттӕ кодтон, се ’ппӕтмӕ дӕр хӕцӕнгӕрзтӕ радтон. Дӕ хуыздӕр нӕзы бӕлӕстӕ дын акалдзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты.
Бакӕс-ма Ассиримӕ — ливайнаг кедрмӕ; уыд аууондар, йӕ къабузтӕ — рӕсугъд, бӕрзонд — йӕ зӕнг, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл ныдзӕвыд.
Ӕз та сӕ сӕраппонд аморӕгты ныццагътон; нӕзытӕй бӕрзонддӕр, тулдз бӕлӕстӕй фидардӕр уыдысты, фӕлӕ сын Ӕз уӕле скуынӕг кодтон сӕ дыргътӕ, бынӕй — сӕ уидӕгтӕ.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кӕд сын цӕдисонтӕ ис ӕмӕ ӕнӕнымӕц сты, уӕддӕр бабын уыдзысты ӕмӕ сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Дӕу та, Иудей, кӕд ныронг хъизӕмарӕй мардтон, уӕд нырӕй фӕстӕмӕ афтӕ нал уыдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».