29 афсӕрстой комы нарӕджы ӕмӕ зӕгъынц, Гевӕйы бахсӕвиуат кӕнӕм, зӕгъгӕ. Рамайы сахайрӕгтӕ ӕмризӕджы ризынц, Саулы сахар Гевӕйы адӕм та лидзӕг фесты.
Асайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, йе ’хсар, цы сгуыхтдзинӕдтӕ равдыста ӕмӕ цы сахартӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». Зӕрондырдӕм йӕ къӕхтӕ риссын байдыдтой, ӕмӕ цӕуынхъом нал уыд.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты».
Гевӕйы заман цы тӕригъӕд ракодтай, уымӕй ныр стырдӕр тӕригъӕды бацыдтӕ, Израил! Фервӕзтысты уым, ӕнӕхуыцӕутты ныхмӕ хӕст куы цыди, уӕд баззадысты ӕвыдӕй.
Сыкъауадындзӕй ныууасут Гевӕйы, хӕтӕлӕй — Рамайы, ныффӕдис кӕнут Бет-Авены: «Дӕ фӕдыл, Бениамин!»
Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се ’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн.
Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: Гивон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гевӕ йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ,
Саул дӕр йӕ хӕдзармӕ, Гевӕйы сахармӕ, ацыд. Йемӕ ацыдысты, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыдис, уыцы хъӕбатыртӕ дӕр.
Минӕвӕрттӕ Саулы сахар Гевӕмӕ бацыдысты. Адӕмӕн Нахашы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдтой, уӕд адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдтой.
Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатан, семӕ цы адӕм баззад, уыдонимӕ ӕрбынат кодтой Бениамины Гевӕйы. Филистимӕгты рӕсӕнуат та Михмасы уыди.
Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм.
Филистимӕгты ӕфсӕддон къорд рацыди Михмасмӕ бацӕуӕн бахъахъхъӕнынмӕ.
Ныр Саул та Гевӕйы арӕныл, Мигроны, ӕрлӕууыди гранат бӕласы бын. Йемӕ уыд иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы.
Ионатан филистимӕгты къорды ’рдӕм кӕуылты хъуызыд, уымӕн йӕ фӕйнӕфарс уыди дыууӕ цыргъ къӕдзӕхы. Сӕ иу хуынди Боцец, иннӕ та — Сенне.
Иу дзы уыди цӕгатӕрдыгӕй, Михмасы ныхмӕ, иннӕ та — хуссарӕрдыгӕй, Гевӕйы ныхмӕ.
Стӕй Самуел ацыди Рамамӕ. Саул дӕр ссыд йӕ хӕдзармӕ, Саулы Гевӕмӕ.
Уый фӕстӕ-иу ӕрыздӕхти Рамамӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уым уыд. Уым дӕр тӕрхон кодта Израилӕн. Дунедарӕгӕн дзы сарӕзта нывондхӕссӕн.