Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 10:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Ассириӕгтӕ бабырстой Гаййатмӕ, Мигроны уылты ацыдысты, Михмасы ныууагътой сӕ чырӕ,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 10:28
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Бениамины байзӕддӕгтӕ — Гевӕйӕ райдай ӕмӕ Михмасы, Айайы, Вефилы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты,


Доны хъаймӕтау агуылф кӕндзӕн Иудейыл ӕмӕ йӕ доны бын фӕкӕндзӕн, адӕмӕн суанг сӕ къубалмӕ схӕццӕ уыдзӕн. Дӕ зӕххыл дын кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн, Эммануил!»


уымӕн ӕмӕ нӕй сдзӕбӕхгӕнӕн йӕ хъӕдгомӕн. Стыр бӕллӕх ӕрбахӕстӕг Иудеймӕ, суанг мӕ адӕмы кулдуары раз, Йерусалимы цур ӕрбалӕууыд.


Йешуа Йерихонӕй йе сгарджыты арвыста Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм, Бет-Авенмӕ хӕстӕг сахар Гаймӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ацӕут ӕмӕ уыцы бӕстӕ басгарут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ Гайы сахарыл ӕрзылдысты.


Хӕстонтӕ дарддӕр ацыдысты. Сӕ бинонты ӕд исбон ӕмӕ ӕд фосы рӕгъӕуттӕ разӕй ауагътой.


Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм.


Филистимӕгты ӕфсӕддон къорд рацыди Михмасмӕ бацӕуӕн бахъахъхъӕнынмӕ.


Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


Ныр Саул та Гевӕйы арӕныл, Мигроны, ӕрлӕууыди гранат бӕласы бын. Йемӕ уыд иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы.


Уыцы бон израилӕгтӕ ныддӕрӕн кодтой филистимӕгты ӕмӕ сӕ Михмасӕй Айалонмӕ аппӕрстой. Тынг бастадысты адӕм.


Иу дзы уыди цӕгатӕрдыгӕй, Михмасы ныхмӕ, иннӕ та — хуссарӕрдыгӕй, Гевӕйы ныхмӕ.


Давид йӕ уаргъ рӕсӕнуатгӕсмӕ фӕуагъта ӕмӕ ӕфсӕдты цурмӕ ауади. Куы бахӕццӕ, уӕд йе ’фсымӕртӕн салам радта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ