Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 10:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ныффӕйлаудзӕн ын йӕ диссаджы хъӕдтӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ бӕласӕй, къутӕрӕй. Афтӕмӕй Ассирийы бӕстӕ мӕлӕтдзаг рынчыны хал ахӕрдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 10:18
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ минӕвӕртты дзыхӕй Дунедарӕджы фауыс. Ды зӕгъыс: „Ӕфсӕнуӕрдӕттӕ мӕм бирӕ ис, ӕз уыдонимӕ схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон ын йӕ бӕрзонд кедртӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ йын схызтӕн, йӕ хуыздӕр хъӕдтӕм ын бацыдтӕн.


Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдтӕ, стӕй Мӕм де ’нӕнымӕц ӕфсӕдты уынӕр кӕй сыхъуыст, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ фындзыл бакӕндзынӕн цӕг, дӕ дзыхы та — уидоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты дӕ фӕстӕмӕ аздахдзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ассирийы гуыппырсартӕн фесафдзӕни сӕ хъару, йӕ кад ын басудздзӕни артау.


Их-иу куы ныууара — ӕрмӕстдӕр хъӕды бӕлӕстыл. Сахары цӕрджытӕ-иу дӕлвӕзмӕ ӕрхиздзысты ӕдасӕй, ӕнӕкъуылымпыйӕ.


Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.


Уымӕн ӕмӕ се ’нӕуагдзинад арт уадзы, каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ ныхъуыры, тар хъӕды бӕлӕстӕ судзы, ӕмӕ арвмӕ арты фӕздӕг къуыбылӕйттӕй ссӕуы.


Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».


Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ