31 Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ ӕлгъыст ӕрцӕудзӕни зӕхх — ӕфхӕрд баййафдзысты йӕ цӕрджытӕ; скуынӕг уыдзысты адӕм, бирӕ сӕ нал баззайдзӕн.
О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.
Мӕ маст ӕм ссыди, фӕлӕ дзы каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ куы фенон, уӕд сӕ срӕдувдзынӕн, бынсыгъд сӕ бакӕндзынӕн.
Хосӕнхъӕлӕй хъӕмп ныййардзыстут. Уӕхи комулӕфт уын артау уӕхи басудздзӕн.
Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»
Афтӕмӕй Дунедарӕг се ’лгъаг чъизитӕ ӕрӕхсдзӕни Сионы чызджытӕн, Йӕ арттӕрхоны фӕрцы Йерусалимы сахар йӕ тугтӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.
Фӕсте сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтыл цы тыхджын ӕфсад сырдта, уый бабын ис. Ӕрхаудысты ӕмӕ сӕ бон нал баци сыстын. Сӕ зынг ахуыссыд, судзгӕ цырагъ куыд ӕрмынӕг вӕййы ӕмӕ ахуыссы, уыйау.
Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.
Уе ’ппӕтӕн дӕр, артӕндзарджытӕ, судзгӕ фаттӕй ифтонг чи у, уыдонӕн Дунедарӕг зӕгъы: «Бахизут уӕ арты цӕхӕрмӕ ӕмӕ, цы фӕттӕ ссыгътат, уыдоны пиллонмӕ! Гъе уый уын уӕ хъысмӕт — Мӕхи нывгонд. Уӕ адзал уыдзӕни ӕвирхъау».
«Йӕхи мӕнг хуыцӕуттыл чи фӕдзӕхсы ӕмӕ, ссыгъдӕг уӕм, зӕгъгӕ, иу иннӕйы фӕдыл уыцы хуыцӕуттӕн йӕ кувӕн къохты нывӕндтӕ чи хӕссы, хуытӕ, мыстытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕлгъаг фосы фыд чи хӕры, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Фӕссахармӕ-иу куы рацӕуой, уӕд та-иу, ӕлгъгӕнгӕйӕ, афӕлгӕсдзысты, йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдоны мӕрдтыл. Уыдоны хъизӕмарӕн кӕрон нӕ уыдзӕни: нӕдӕр сӕ къуыдыргалм искуы ныммӕлдзӕн, нӕдӕр, цы арты мидӕг судзынц, уый искуы ахуысдзӕн».
Уӕларвӕфсады Бардарӕджы азар сараудзӕни зӕхх, адӕм арты амӕттаг бауыдзысты, иу сӕ иннӕуыл нал ауӕрддзӕн.
Давиды байзӕддӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Сӕумӕйӕ-иу раст тӕрхон кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухтӕй фервӕзын кӕнут, науӕд, уӕ фыдракӕндтӕм кӕсгӕйӕ, Мӕ маст ссудздзӕни пиллон артау, ӕнӕ ахуысгӕ зынгирвӕзтау.
Мӕрдтыбӕстӕйы уымӕн дӕр ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕн дӕр фидистӕ куы кӕндзысты хъомысджын хӕстонтӕ. Мысырӕгтӕ карды амӕттаг куы бауыдзысты, ӕрхуысдзысты ӕнӕсунӕтты раз.
Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.
Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.
Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».
Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.
Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.
Самсонимӕ куыддӕр Лехийы сахармӕ бахӕццӕ сты, афтӕ филистимӕгтӕ, хъӕргӕнгӕ, йӕ размӕ разгъордтой. Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон гӕнау асыгъдысты, ӕмӕ йӕ къухтӕ феуӕгъд сты.