34 Йӕ лӕдзӕг мӕ куы аиуварс кӕнид, стыр тасы мӕ куынӕ ӕфтауид,
Ау, Йе стырадӕй не стъӕлфут, Йӕ азарӕй Йын нӕ тӕрсут?
Уымӕн Йӕ разы ӕмризӕджы ризын, уыдӕттыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мыл тас бахӕцы.
Ӕз Хуыцауы азарӕй тынгдӕр ницӕмӕй тарстӕн, Йе стырады раз ахӕм исты ракӕнын нӕ бауӕндыдаин.
Уымӕ гӕсгӕ дӕ ӕз тасы нӕ бафтаудзынӕн, мӕ къухы уӕз мын нӕ бамбардзынӕ.
Мӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл уымӕн хойы, рагӕппӕввонг у мӕ риуӕй.
Ӕз Дын раргом кодтон Дӕ рӕстад, мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцыдтӕн Стыр ӕмбырды — о Дунедарӕг, зоныс ӕй Дӕхӕдӕг!
Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон мӕ зӕрдӕйы арфы; иузӕрдион ирвӕзынгӕнӕг кӕй дӕ, уый фехъусын кодтон. Нӕ басусӕг кодтон Стыр ӕмбырды Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад.
Бафӕдзӕхсдзӕни дӕ Йӕ зӕдтӕн — дӕ алы фӕндагыл дӕ бахъахъхъӕндзысты.