3 Йӕ ныхмӕ чи бахъаст кӕндзӕн ӕмӕ Йын Йӕ мин фарстӕй иуӕн дӕр дзуапп чи ратдзӕн?
Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!
Мӕ ныхмӕ дзурын кӕд ӕмӕ искӕй бон суа, уӕд ӕз банцайдзынӕн ӕмӕ мӕ уд сисдзынӕн.
Цы быцӕу кӕныс Йемӕ, мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?
Хуыцау адӕймагмӕ бӕлвырд рӕстӕджы тӕрхонмӕ нӕ сиды.
«Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:
Уӕд дӕхи хъомысӕй сфӕлынд, тӕмӕнкалгӕ кады ӕрбатух дӕхи,
Уӕд Ын ӕз та цы дзуапп хъуамӕ раттон, цавӕр ныхӕстӕ Йын хъуамӕ ссарон?
Раст куы уон, уӕд дӕр мӕ дзых мӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн; азымджын куынӕ уон, уӕд дӕр мӕ фӕзылынджын кӕндзӕн.
Ме знӕгты мыл куынӕ фӕуӕлахиз уой, уӕд ӕй зондзынӕн, Ды мыл кӕй аудыс, уый.
Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»
Кӕд мах афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм, ӕмӕ ӕцӕгад нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.
истӕй тыххӕй нын тӕрхон куы кӕна, уӕд дӕр; уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ зоны ӕппӕт дӕр.