29 Ӕмӕ кӕд азымджынӕй баззайдзынӕн, уӕд ма цы у мӕ фыдӕбон дӕр?
Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!
Зоныс ӕй, азымджын кӕй нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Дӕ къухтӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн.
Зонын уын уӕ хъуыдытӕ, мӕ ныхмӕ цы зӕгъинаг стут, уый дӕр.
Афтӕмӕй мӕ Хуыцау аххосджын кӕны, знаг мӕ фестын кодта Йӕхицӕн.
Раст куы уон, уӕд дӕр мӕ дзых мӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн; азымджын куынӕ уон, уӕд дӕр мӕ фӕзылынджын кӕндзӕн.
Ӕз афтӕ зӕгъын, ӕмӕ уӕлдай нӕу: ӕмхуызон сафы Уый ӕназымы ӕмӕ ӕнаккаджы.
Дӕ хъаруйы фӕрцы денджызы уылӕнтӕ фӕцыдысты фӕйнӕрдӕм, ныссастай доны кӕлмытӕн сӕ сӕртӕ,
Уӕддӕр зӕгъыс: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн, мӕ рӕзты ацӕудзӕн Йӕ маст». Тӕригъӕдджын нӕ дӕн, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн.