27 Бӕргӕ фӕзӕгъын, ныууадзон мӕ сагъӕс, тарӕрфыг ма уон, мӕхиуыл схӕцон,
Дзургӕйӕ дӕр не ’нцайы мӕ рыст, ӕдзӕмӕй дӕр мын нӕу ӕнцондӕр.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцдзынӕн — мӕ уды хъизӕмӕрттӕ фӕдзурдзынӕн, мӕ уды риссӕгтӕ скалдзынӕн.
Мӕхицӕн бӕргӕ фӕзӕгъын, мӕ хуыссӕнуат мын мӕ хъизӕмар айсдзӕн, хуыссӕг мын мӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕндзӕн.
О Хуыцау, батӕригъӕд мын кӕн! Адӕм мӕ фӕдыл зилынц, лӕбурынц мӕм, ссӕндынц мӕ ӕрвылбон.
«О, удхарӕй мӕлын, мӕ зӕрдӕ риссы!