26 Цъӕнут бӕлӕгътау тындзынц, цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ куыд тындза, афтӕ.
Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!
хъӕздыгдзинад, куыддӕр ӕм бакӕсай, афтӕ ӕрбайсӕфы, цӕргӕсау айтындзы йӕ базыртӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы.
Уыцы бӕстӕй нӕм денджызы уылӕнтыл хъӕзын бӕлӕгъты рарвыстӕуыд минӕвӕртты. Цӕугӕут фӕстӕмӕ уӕ бӕстӕм, рӕувад минӕвӕрттӕ! Аздӕхут уӕ дӕргъӕлвӕс, уӕ коса адӕммӕ, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты йӕ зӕхх кӕмӕн айгӕрстой, уыцы адӕммӕ.
Мӕнӕ мигъау ссӕуы, йӕ бӕхуӕрдӕттӕ — зилгӕ дымгӕйы ’нгӕс; цӕргӕстӕй тагъддӕр тӕхынц йӕ бӕхтӕ. О, додойаг фестӕм, не сӕфт ӕрцыди!
Цӕргӕсӕй тагъддӕр нӕ куы суры знаг, нӕ фӕдыл хӕхты, тыгъд быдырты зилы.
Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау.
Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,