24 Фыдгӕнджыты къухы ис зӕхх, ӕмӕ тӕрхоны лӕгты цӕстытӕ кӕд Уый нӕ бакуырм кӕны, уӕд чи?
Давид йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта, афтӕмӕй бӕгъӕввадӕй ӕмӕ кӕугӕйӕ цыди Елеоны хохмӕ. Йӕ адӕм дӕр сӕ сӕртӕ ӕрӕмбӕрзтой ӕмӕ кӕугӕйӕ цыдысты йемӕ.
Паддзах та адӕмӕн йӕхи дӕр не ’вдыста, дуарӕхгӕдӕй ӕрдиаг кодта: «Мӕ фырт Авессалом! Авессалом, мӕ фырт, мӕ фырт!»
Уый фӕстӕ Мардохей галуаны бахизӕнмӕ фӕстӕмӕ йӕ куыстмӕ ацыди, Аман та мастгӕнгӕ атындзыдта сӕхимӕ, йӕ сӕр ӕрбатыхта, афтӕмӕй.
Паддзах фӕстӕмӕ куы ӕрбацыди ӕмӕ Аманы Естеры бадӕны раз гуыбырӕй куы федта, уӕд фӕхъӕр кодта: «Ӕхсин-паддзахмӕ дӕр ма дӕ зӕрдӕ бахъазыди мӕ тӕккӕ хӕдзары?!» Куыддӕр паддзахы дзыхӕй уыцы ныхӕстӕ схаудтой, афтӕ хъахъхъӕнджытӕ Аманы ацахстой.
Хорз Дӕм кӕсы Де сконд адӕймаджы ’фхӕрын ӕмӕ йыл Дӕхи тигъ кӕнын, ӕнаккӕгтыл та аудын?
Уый уынаффӕгӕнджытӕн сӕ сӕрызонд фесафы, тӕрхонгӕнджыты сӕдылы кӕны.
Ӕнӕхуыцӕутты амӕттаг мӕ бакодта Хуыцау, ӕнаккӕгты къухтӕм мӕ радта.
Фӕдисхъӕр бӕргӕ кӕнын, фӕлӕ дзуапп нӕй, бӕргӕ сидын ӕххуысмӕ, фӕлӕ мӕ сӕрыл ничи хӕцы.
Тых кӕмӕ ис, зӕхх уыдоны у, бонджынтӕ йыл ӕрбынат кӕнынц.
Сахары хъуысы мӕлӕг адӕм хъӕрзын, ӕххуысагурӕг дзыназынц цӕфтӕ, фӕлӕ Хуыцау уыдӕттӕ нӕ уыны.
Кӕд афтӕ нӕу, уӕд мӕ багӕды кӕнут, мӕ ныхӕсты ныхмӕ исты зӕгъут».
Ӕмӕ уӕд Барахелы фырт Елигуйӕн йӕ маст рафыхти. Елигу уыдис Бузийы байзӕддӕгтӕй, Рамы мыггагӕй. Иовмӕ уымӕн смӕсты ис, ӕмӕ уый йӕхи Хуыцауӕй растдӕр хуыдта,
Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
Ӕз федтон, ӕфхӕрд адӕм куыд кӕуынц, уый, ничи сын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ се ’фхӕрджытӕ тыхджын сты.
Зӕхх ӕнӕ донӕй ныскъуыдтӕ ис, зӕхкусджытӕ къӕмдзӕстыгӕй сӕ сӕртӕ ’мбӕрзынц.
Паддзах, ды дӕ фыны федтай егъау ӕмӕ фидар бӕлас. Йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.
Сымах Дунедарӕджы уӕ ныхӕстӕй смӕсты кӕнут, уӕхӕдӕг дзурут, цӕмӕй Йӕ кӕнӕм мӕсты, зӕгъгӕ. Дунедарӕг алы фыдгӕнӕгмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ахӕмтыл ауды, зӕгъгӕ, кӕй фӕзӕгъут, уымӕй. Ноджы ма сымах зӕгъут: «Кӕм ис рӕстдзинады Хуыцау?»