23 Ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕх мӕлӕтхӕссӕг у, Уымӕ та рӕстаджы ныфссаст худӕг кӕсы.
Авраам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?»
Ӕз та, адӕм мӕ кӕй стӕрсын кодтой, уымӕ гӕсгӕ ӕрбацыдтӕн, цӕмӕй мӕ бардарӕгӕн, мӕ паддзахӕн ацы ныхӕстӕ ракӕнон. Мӕхинымӕры дзырдтон: зӕгъон паддзахӕн, чи зоны, ӕмӕ сӕххӕст кӕна йӕ цагъары курдиат.
Дӕ цагъар йӕхицӕн хъуыдытӕ кодта: „Ныфсы хос мын фестӕд мӕ бардарӕджы, мӕ паддзахы ныхас, уымӕн ӕмӕ мӕ бардарӕг, паддзах, Хуыцауы зӕды хуызӕн у — равзардзӕни ӕвзӕр дӕр ӕмӕ хорз дӕр“. Демӕ уӕд кӕддӕриддӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».
Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй. Иовы буар йӕ къахы бынтӕй йӕ сӕры онг судзаг цъутхал фестын кодта.
Сахары хъуысы мӕлӕг адӕм хъӕрзын, ӕххуысагурӕг дзыназынц цӕфтӕ, фӕлӕ Хуыцау уыдӕттӕ нӕ уыны.
Ахъуыды-ма кӕн: кӕд чи бабын ис ӕнӕ аххосӕй, раст адӕймаг кӕд фесӕфти?
Хуыцау нӕ аппардзӕни рӕстаджы ӕмӕ фыдгӕнӕджы фарс нӕ фӕлӕудзӕн.
Рӕхджы Ӕз бафӕлвардзынӕн Мӕ адӕмы, ӕмӕ суанг Иудейы паддзах дӕр Мӕ азарӕй нӕ фервӕздзӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.