21 Сыгъдӕг дӕн, фӕлӕ уый цы хъауджыдӕр у, мӕ цард мын куы сӕнад ис, уӕд?
Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.
Зоныс ӕй, азымджын кӕй нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Дӕ къухтӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн.
Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!
Ӕз мӕ сӕрыл мӕхӕдӕг рахӕцдзынӕн, уымӕн ӕмӕ, раст дӕн, уый зонын.
Сыгъдӕг, дам, дӕн ӕз, ӕнӕкъӕм, ницы азым мӕм ис, сыгъдӕг дӕн.
Тӕхуды, Хуыцауы мӕ ныцъцъист кӕнын куы бафӕндид ӕмӕ мын мӕлӕтдзаг цӕф куы ныккӕнид!
Цӕуылнӕ мын ныббарыс мӕ азым, цӕуылнӕ мын ныххатыр кӕныс мӕ тӕригъӕд? Ӕз рӕхджы фӕдӕлсыджыт уыдзынӕн, агурдзынӕ ма мӕ, фӕлӕ — ницы!»
Раст куы уон, уӕд дӕр лӕгъстӕйӕ дарддӕр ницы зӕгъдзынӕн мӕ Тӕрхонгӕнӕгӕн.
Йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уый ӕдылы у, уӕлзондыл фидар чи хӕцы, уый — ӕдас.
Кӕд мӕ зӕрдӕ мӕхимӕ ницӕмӕй ӕхсайы, уӕддӕр уымӕй мӕхи нӕ раст кӕнын; тӕрхонгӕнӕг мын Бардарӕг у.
истӕй тыххӕй нын тӕрхон куы кӕна, уӕд дӕр; уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ зоны ӕппӕт дӕр.