17 Уаддымгӕйау мыл Йӕхи ныццавта, ӕнаххосӕй мӕ хойы ӕмӕ хойы.
Дӕ къухтӕ мыл бафыдӕбон кодтой, Дӕхи къухӕй мӕ скодтай, афтӕмӕй мӕ ныр Дӕхи къухӕй сафыс.
Ӕвӕлмон уыдтӕн, фӕлӕ мын Уый мӕ бӕрзӕймӕ фӕлӕбурдта, тугӕрхӕмттӕ мӕ фӕкодта, Йӕхицӕн мӕ мысанӕн сӕвӕрдта.
Мӕ буар Йӕ цӕфтӕй нал зыны, нӕрӕмон хӕстонау мыл Йӕхи ныццавта.
Афтӕмӕй мӕ зӕрдӕмӕ ницы хӕссын, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕуы мӕ куывд.
Авд боны ӕмӕ авд ӕхсӕвы йӕ фарсмӕ зӕххыл фӕбадтысты. Иу ныхас дӕр сӕ ничи скодта, уымӕн ӕмӕ йын йе стыр хъизӕмар уыдтой.
«Ӕмӕ уӕд мӕ цагъар Иовыл дӕ цӕст не ’рхӕцыд? — бафарста йӕ Дунедарӕг. — Зӕххыл уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг нӕй. Хуыцауы тас ӕм ис, ӕмӕ фыд ракӕнынӕй йӕхи хизы. Ныронг дӕр ӕнаипп у. Ды та Мӕ йӕ ныхмӕ ардыдтай, цӕмӕй йӕ Ӕз ӕнӕ исты аххосӕй бабын кӕнон».
Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй. Иовы буар йӕ къахы бынтӕй йӕ сӕры онг судзаг цъутхал фестын кодта.
«Цардӕгас у Хуыцау, раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта, Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс, хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!
Дӕ уӕлныхты мӕ фелвӕстай, дымгӕмӕ мӕ ныддардтай, мӕ бындзарӕй мӕ ныууыгътай.
Афтӕмӕй мӕ Хуыцау аххосджын кӕны, знаг мӕ фестын кодта Йӕхицӕн.
Раст, дам, дӕн, афтӕмӕй мӕ сайӕгойыл банымадтой. Азымджын нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй.
Куы Йӕм ныхъхъӕр кӕнин, ӕмӕ мын дзуапп куы раттид, уӕд дӕр мӕ нӕ бауырнид, кӕй мӕм байхъусдзӕн, уый.
Дӕ хорзӕх мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр, ӕмӕ цӕрын Де ’цӕгадмӕ гӕсгӕ.
Зарут Дунедарӕгӕн, Йӕ иузӕрдионтӕ, сыстаут Ын Йӕ уаз ном,
Уым Мӕ раст тӕрхон ӕрӕвӕрдзынӕн барӕн синагау, Мӕ рӕстдзинад та — ауыгъд здыйау». Уе ’мбӕхсӕн — мӕнгдзинад, фӕлӕ йӕ ихуард ныххафдзӕн, доны бын фӕуыдзӕн.
Дунедарӕджы зилгӕ уад ӕрбабырсы, фыр мӕстӕй абухы, афтӕмӕй уыцы тыхдымгӕ фесафдзӕни фыдгӕнджыты.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕ фыр мӕстӕй уыл ныххуырсдзынӕн уаддым, тыгъдызӕй ӕмӕ их дуртӕ, ӕмӕ уӕ бабын кӕндзынӕн.
Хъӕзы фаст зӕнг не ’рбасӕтдзӕн ӕмӕ ахуыссынӕввонг цырагъ нӕ бамынӕг кӕндзӕн, цалынмӕ раст тӕрхонӕн уӕлахиз ӕрхӕсса, уӕдмӕ.
Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади ӕмӕ сӕхи уыцы хӕдзарыл ӕмцӕф ныккодтой. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ дурты кӕри фестад.
Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.
Йесо сын дзуапп радта: «Нӕдӕр йӕхӕдӕг тӕригъӕд ракодта, нӕдӕр йӕ ныййарджытӕ, фӕлӕ куырм у Хуыцауы хъару йыл равдисыны тыххӕй.