9 Мах та зноныккон стӕм ӕмӕ ницы зонӕм, уымӕн ӕмӕ ӕрбайсӕфынц ӕндӕргтау нӕ царды бонтӕ зӕххыл.
Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».
Не ’ппӕт фыдӕлтау мах дӕр Дӕ разы ӕрцӕуӕггӕгтӕ стӕм, рӕстӕгмӕцӕрджытӕ. Нӕ царды бонтӕ ацы зӕххыл аууонӕй уӕлдай не сты, ницы ныфс нӕм ис.
уӕд паддзах Роховам, йӕ фыд Соломоны заман чи лӕггад кодта, уыцы хистӕрты бафарста: «Цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут? Цы дзуапп раттон ацы адӕмӕн?»
Сылгоймаг кӕй ныййардта, уыцы адӕймагӕн йӕ цард цыбыр у, йӕ маст та — бирӕ.
Дидинӕгау райхӕлы ӕмӕ бахус вӕййы, ӕндӕргау фӕзыны ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы.
Дзырдтон мӕхицӕн: хистӕртӕ уал дзурӕнт, кардзыд адӕм ахуыр кӕнӕнт уӕлзондыл.
Тынуафӕджы цъӕгъӕдзау стырындз сты мӕ бонтӕ, ӕмӕ сӕм кӕсын ныфссастӕй.
Уыдон дын бацамонӕнт, уыдон дын радзурӕнт, уыдон дын зӕрдӕбынӕй зӕгъӕнт:
Арв зӕххӕй цас бӕрзонддӕр у, уыйас ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонмӕ.
Скӕсӕн ныгуылӕнӕй цас дард у, уыйас махӕй адард кодта нӕ фыдракӕндтӕ.
Иу фӕлтӕр иннӕмӕн ӕппӕлдзӕни Дӕ хъуыддӕгтӕй, Дӕ хъомысы кой кӕндзӕни.
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, сӕрыстыртӕй ӕмӕ фӕлитойтӕй йӕхи чи хизы!
Зӕгъынц: «Цӕй ӕмӕ ацы адӕмы ныццӕгъдӕм, цӕмӕй Израилы номӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр макуыуал райхъуыса!»
Йӕ базыры бын дӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дын тас ницӕмӕй уыдзӕн. Йӕ иузӕрдиондзинад — дӕ сис ӕмӕ дӕ уарт.