7 Цы суыдзынӕ, уый раз дӕм, раздӕр цы уыдтӕ, уый ницыуал кӕсдзӕн.
Иов йе ’мбӕлтты тыххӕй куы скуывта, уӕд ын Дунедарӕг, раздӕр ӕм цы уыди, уыдон дывӕрӕй фӕстӕмӕ бафтыдта йӕ къухы.
Ӕгады бынаты чи уыди, уый сбӕрзонд кӕны, кӕуинаг чи фӕци, уый фервӕзын кӕны.
Бафӕрс-ма хистӕрты, сӕ фыдӕлтӕн цы раргом ис, уый базон.
Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.
Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;
Уыцы бон кӕд ралӕудзӕнис, уый ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг зоны; уый нӕдӕр бон уыдзӕн, нӕдӕр ӕхсӕв, фӕлӕ куы баизӕр уа, уӕд рухс фӕзындзӕни.
Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».
Кӕмӕ ис, уымӕн ноджы фылдӕр рардӕуыдзӕн, ӕмӕ йӕм бирӕ уыдзӕнис; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕни, цы йӕм ис, уый дӕр.
Уӕ фыдӕлтӕ кӕй никуы зыдтой, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕг скӕна, бафӕлвара уӕ ӕмӕ уын уый фӕстӕ хорздзинад ракӕна.
Кӕд нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй аныгъуылдысты ӕмӕ сӕ амӕттаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн.