Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 8:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 уӕд дӕм Уый ӕркӕсдзӕн ӕмӕ, кӕд сыгъдӕг ӕмӕ раст дӕ, уӕд дӕ фарс рахӕцдзӕн ӕмӕ дын дӕ цард аккаг бынаты сбадын кӕндзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 8:6
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Ӕмӕ уӕд мӕ цагъар Иовыл дӕ цӕст не ’рхӕцыд? — бафарста Дунедарӕг. — Зӕххыл уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг нӕй. Хуыцауы тас ӕм ис, ӕмӕ исты фыд ракӕнынӕй йӕхи хизы».


дӕ тӕригъӕдтӕй куы фервӕзай, дӕ цатырты аипджынӕй куы ницыуал ныууадзай,


Афтӕмӕй мӕ зӕрдӕмӕ ницы хӕссын, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕуы мӕ куывд.


Сыхъуысти Йӕм мӕгуырты ӕрдиаг, Уый фехъуыста ӕфхӕрд адӕмы уынӕргъын.


Базондзынӕ, дӕ цатырӕн ницы тас у, ӕркӕсдзынӕ дӕ бынӕттӕм — алцӕмӕй дӕр нывыл сты.


уӕд фыдгул мӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд, раййафӕд мӕ, сыджыты бын мӕ фӕкӕнӕд, мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд!


Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.


Дунедарӕджы ’лгъыст ӕнӕхуыцауы хӕдзарыл сӕмбӕлы, рӕстуды хӕдзарыл та ӕруадзы Йӕ арфӕ.


Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.


Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у: йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.


Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.


Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ