21 Уый дын фӕстӕмӕ дӕ цӕсгоммӕ мидбылхудт раздахдзӕни, дӕ ком дын цины хъӕртӕй байдзаг кӕндзӕни.
Саррӕ загъта: «Фӕхудын мӕ кодта Хуыцау. Ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр фӕхуддзӕни мемӕ».
Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.
фӕлӕ иу афтӕ зӕгъӕг нӕй: „Кӕм ис Хуыцау, ме Скӕнӕг, сау бон зарынӕй Чи раивы,
Гӕныстон ӕмӕ дӕм стонджы кой худӕг дӕр ма кӕсдзӕн, хъӕддаг сырдтӕй нӕ фӕтӕрсдзынӕ.
Давиды псалом. Иузӕрдиондзинад ӕмӕ раст тӕрхон стауын мӕ зарӕджы, Дӕуӕн зарын, Дунедарӕг!
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куынӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз дзӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куынӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.
Сӕударӕй дзӕгъӕлы сыстут, ӕнафонмӕ дзӕгъӕлы фӕбадут — фыдӕбонгӕнгӕ бакусут къӕбӕрваг. Дунедарӕг кӕй уарзы, уыдон та фынӕй кӕнынц ӕнӕмӕтӕй.
Дунедарӕджы уынаффӕ та — ӕнустӕм, Йӕ зӕрдӕйы фӕндон — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы. Ды сфидар кодтай рӕстдзинад, Йаковӕн равдыстай раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.
Тӕхудиаг стут, абоны ӕххормӕгтӕ, — Хуыцау уӕ бафсаддзӕн. Тӕхудиаг стут, абон кӕугӕ чи кӕны, уыдон, — сымах худдзыстут.