8 Ныр мӕ чи уыны, уый мӕ нал фендзӕни. Кӕс — ӕмӕ нал дӕн.
Фӕлӕ ныр амард, ӕмӕ ма цӕй тыххӕй дарон ком? Исты ма йӕ раздахын мӕ бон у? Ӕз ӕм мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн, уый мӕм нал раздӕхдзӕн».
Мӕ къӕхтыл мын хъадамантӕ бакодтай, гакк мыл сӕвӕрдтай, мӕ алы къахдзӕф дӕр Дын нысангонд у.
Лӕг та амӕлы ӕмӕ бартхутӕг вӕййы. Йӕ уд сисы ӕмӕ нал фӕзыны.
Ӕмӕ Дӕ цӕстытӕ уымӕй нӕ исыс, тӕрхондонмӕ уый кӕныс?
Ӕрбайсӕфдзӕни фынау, ӕрбацыдӕр уыдзӕн ӕхсӕвы цӕстылуайӕнау.
Чи йӕ федта, уый йӕ никуыуал фендзӕн, цы ран уыди, уым никуыуал фӕзындзӕн.
Бонджынӕй бӕргӕ ныххуыссы, фӕлӕ сӕумӕйӕ гаффуттӕй райхъал вӕййы.
Мӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй хуыссин ӕмӕ улӕфин,
Цӕуылнӕ мын ныббарыс мӕ азым, цӕуылнӕ мын ныххатыр кӕныс мӕ тӕригъӕд? Ӕз рӕхджы фӕдӕлсыджыт уыдзынӕн, агурдзынӕ ма мӕ, фӕлӕ — ницы!»
фӕлӕ йӕ сыскъуын йӕ бынатӕй, уӕд ыл йӕ бынат дӕр йӕ къух ауигъдзӕн, ам дӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодтон, зӕгъгӕ.
Донӕфсӕст сты Дунедарӕджы бӕлӕстӕ, ливайнаг кедртӕ — Йӕхӕдӕг кӕй ныссагъта, уыдон.
Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон мӕ зӕрдӕйы арфы; иузӕрдион ирвӕзынгӕнӕг кӕй дӕ, уый фехъусын кодтон. Нӕ басусӕг кодтон Стыр ӕмбырды Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де ’цӕгад.