6 Тынуафӕджы цъӕгъӕдзау стырындз сты мӕ бонтӕ, ӕмӕ сӕм кӕсын ныфссастӕй.
Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
дон дуртӕ баууилы, зӕххы уӕлцъар йӕ уӕлныхты айсы. Афтӕ Ды дӕр адӕймаджы ныфс амарыс!
Уымӕн ӕмӕ нымад сты мӕ царды бонтӕ, ӕмӕ ӕз фӕцӕудзынӕн, раздӕхӕн кӕцӕй нӕй, уырдӕм.
Мӕ уд хъизӕмар кӕны, мӕ царды бонтӕ фӕфӕуынц, ингӕн мӕ цӕстытыл уайы.
Аивгъуыдтой мӕ царды бонтӕ. Мӕ бӕллицтӕй — мӕ зӕрдӕйы фӕндиӕгтӕй — фыдӕнхъӕл фӕдӕн.
Цӕуыл ма дарон мӕ зӕрдӕ? Чи мын фендзӕн мӕ ныфс?
Мемӕ мӕрдтыбӕстӕм ныххиздзӕни уый, сыджыты ’рхуысдзӕни мемӕ».
Алырдыгӕй дӕр мӕ ныззыгуым кодта, ӕмӕ сӕфын, мӕ ныфс мын бӕласау йӕ бындзарӕй срӕдывта.
Цы ныфсӕй фӕразон, хъару мӕм куынӕуал ис? Цы уыдзӕн мӕ кӕрон? Цы ма у мӕ цард?!
Фӕдисонау згъорынц мӕ бонтӕ, уайынц, фӕлӕ сӕм хорзӕй ницы зыны.
Арв зӕххӕй цас бӕрзонддӕр у, уыйас ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонмӕ.
Иу фӕлтӕр иннӕмӕн ӕппӕлдзӕни Дӕ хъуыддӕгтӕй, Дӕ хъомысы кой кӕндзӕни.
Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
Дӕхи бахъахъхъӕн — бӕгъӕввадӕй куы аззайай, мыййаг, куы бахус уа дӕ ком! Фӕлӕ ды загътай: «Уыдон сты ӕнӕпайда ныхӕстӕ! Ӕз ӕцӕгӕлӕтты уарзын ӕмӕ сӕм цӕудзынӕн».
Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.
Скӕсы хур, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй дидинӕг бахус вӕййы ӕмӕ ӕрызгъӕлы, йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Афтӕ хъӕздыг дӕр: йӕ хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ баруайдзӕн.
Афтӕмӕй та, райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Цы у уӕ цард? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.
Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс: кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,