4 Куыддӕр ӕрхуыссын, афтӕ сыстынмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын райдайын, фӕлӕ ӕхсӕв ныддаргъ вӕййы, ӕмӕ боныцъӕхтӕм мӕ рафт-бафтӕй не ’рӕнцайын.
Уыдон та ӕхсӕв бон хонынц, тагъд, дам, срухс уыдзӕн, фӕлӕ мӕ алыварс — тар.
Ме стджыты рыстӕй ӕхсӕвыгон ӕнцой нал зонын.
Чи амӕла, уый Дӕ нал ӕрымысдзӕн. Мӕрдтыбӕсты Дӕ чи сыстаудзӕн?
уый мах сӕ байзӕддагӕй нӕ бамбӕхсдзыстӕм: фӕстагӕттӕн ракӕндзыстӕм Дунедарӕджы кады хъуыддӕгты, Йӕ хъомысы, Йӕ диссӕгты кой.
Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.
Боныгон ӕхсӕвмӕ бӕлдзынӕ, ӕхсӕвыгон та — бонмӕ, дӕ зӕрдӕйы цы тас уа ӕмӕ дӕ цӕстӕй цы уынай, уый адӕргӕй.