Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 7:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Бӕргӕ, куынӕуал сулӕфин фӕлтау, куы амӕлин ӕмӕ ацы буарӕй куы фервӕзин.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 7:15
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.


Мӕлӕтмӕ бӕргӕ у сӕ каст, фӕлӕ — нӕй, хӕзна ссарынӕй сын уый уынд ӕхсызгондӕр уаид.


Ныццин кӕниккой уыдон сау ингӕныл, чырыныл кӕй фӕхӕст сты, ууыл.


Фӕлӕ мӕ фыдфынты хай фӕкӕныс, ӕбуалгъ нывтӕ мын мӕ цӕстытыл бафтауыс.


Сӕнад мын ис цард, фӕлӕ йын кӕрон уыдзӕн. Ныууадз мӕ! — дымгӕйы иу ӕрбафуттау — мӕ бонтӕ!


Сыгъдӕг дӕн, фӕлӕ уый цы хъауджыдӕр у, мӕ цард мын куы сӕнад ис, уӕд?


Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу!


Уыцы фыд адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдоны Ӕз кӕдӕмфӕнды куы фӕсурон — алы ран дӕр сын мӕлӕт цардӕй бӕллиццагдӕр суыдзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уӕдӕ мын ныр, Дунедарӕг, айс мӕ уд, уымӕн ӕмӕ мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.


Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Мӕлӕтмӕ бӕлдзысты, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ