11 Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцдзынӕн — мӕ уды хъизӕмӕрттӕ фӕдзурдзынӕн, мӕ уды риссӕгтӕ скалдзынӕн.
Сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бӕгуыдӕр, азымджын стӕм не ’фсымӕры раз. Йӕ зӕрдӕйы тас ын уыдтам, куы нын лӕгъстӕ кодта, уӕд, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстам, ӕмӕ ныр нӕхӕдӕг дӕр бӕллӕхы бахаудыстӕм».
Цардӕй мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис, ӕмӕ куыннӕ кӕнон хъарджытӕ? Мӕ уды хъизӕмар раргом кӕндзынӕн.
Кӕд аххосджын дӕн, уӕд — додой мӕ къона! Кӕд мӕм азымӕй ницы ис, уӕддӕр мӕ сӕр хӕрдмӕ сисын нӕ бауӕнддзынӕн. Къӕхты бынмӕ ’рхаудтӕн, худинаджы бын фӕдӕн, мастӕй мӕ хъуырмӕ сдӕн.
Ныхъхъус ут уӕдӕ, дзырды бар мын раттут.
Дзургӕйӕ дӕр не ’нцайы мӕ рыст, ӕдзӕмӕй дӕр мын нӕу ӕнцондӕр.
Иннӕтӕ та амӕлынц зӕрдӕрыстӕй, цардӕй ницы фенынц, афтӕмӕй.
«Раздӕрау мӕ судзаг хъӕстытӕ кӕнын, Йӕ къухы уӕзӕй хъӕрзын.
Тӕригъӕдӕй дӕхи хиз — фыдӕвзарӕнты дзӕгъӕлы нӕ бахаудтӕ.
Мӕ ныхӕстӕм мын фау ӕрхӕссынмӕ хъавут? Ӕмӕ сӕ дымгӕйы хай куы бакодтат?
Бӕргӕ фӕзӕгъын, ныууадзон мӕ сагъӕс, тарӕрфыг ма уон, мӕхиуыл схӕцон,
Мӕлӕты хъоргъӕй мӕ фервӕзын кодта, цъымарайы астӕуӕй мӕ сласта; сӕргъӕвта мӕ айнӕджы фахсмӕ, мӕ къӕхтыл мӕ фидар слӕууын кодта.
«Низ ыл фӕтых ис, ӕмӕ нал рабаддзӕни».
Ӕндӕр цы загътаин? Йӕхӕдӕг мын сарӕзта, ныфс мын цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ ныр ӕнцад ӕрвитдзынӕн мӕ царды бонтӕ, мӕ уды хъизӕмар мысгӕйӕ.
Мӕ хъизӕмар мын хорзӕрдӕм фӕци. Ингӕны къӕсӕрӕй мӕ раздӕхтай, мӕ тӕригъӕдтӕ мын Дӕ фӕсчъылдыммӕ фехстай дард.
Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди.
Ӕз уӕм мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрыстӕй, бирӕ цӕссыг калгӕйӕ, масты уӕ бафтауыны тыххӕй нӕ ныффыстон, фӕлӕ цӕмӕй сымах базонат, ӕз уӕ куыд бирӕ уарзын, уый.