1 Адӕймагӕн нывгонд у цагъары уӕззау куыст цӕрӕнбонты.
Ног ӕмӕ ногӕй мӕ азымджын кӕныс, Дӕ маст карзӕй-карздӕр кӕны, фыдбылызтӕ иу иннӕйы фӕдыл сыстадысты мӕ ныхмӕ.
Сылгоймаг кӕй ныййардта, уыцы адӕймагӕн йӕ цард цыбыр у, йӕ маст та — бирӕ.
Уый адӕймаг райгуыры хъизӕмарӕн, цӕмӕй зынджы стъӕлфӕнау арвмӕ стӕха.
Цагъарау тыхсы ӕмӕ бӕллы аууонмӕ, ӕххуырст кусӕгау йӕ цӕстытӕ ныуурс вӕййынц йӕ куысты мыздмӕ.
Мӕ комы мын бавӕрдта ног зарӕг — кады зарӕг нӕ Хуыцауӕн. Уый фенгӕйӕ, бирӕты тас бацӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕгӕй ныфс ӕвӕрдзысты.
Адӕймаг дымгӕ йӕ армы нӕ бауромдзӕн, стӕй йӕ удыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы, цы бон амӕлдзӕн, уый йӕхицӕй аразгӕ нӕу. Ацы мӕлӕтдзаг тохӕн аргъӕвӕн нӕй, суанг фыдгӕнӕг дӕр йӕ фыдбылызты фӕрцы нӕ аирвӕздзӕн.
Ныр та зӕгъы: «Ӕртӕ азы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — кадджын Моавыл худинаджы гакк сбаддзӕн. Йӕ бирӕ дзыллӕйӕ ма армыдзаг баззайдзӕн ӕрмӕст».
Дунедарӕг мын загъта: «Афӕдзы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — Кедары кадӕй ницыуал баззайдзӕн.
Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»
Йӕ балхӕнӕгимӕ-иу анымайӕд, йӕхи йын куы ауӕй кодта, уӕдӕй Ӕрдӕгсӕдӕйон азы онг цал азы рацыди, уый. Фидгӕ та йын хъуамӕ бакӕна, уал азы дӕргъы ӕххуырстӕн цас бафыстӕуы, уыйас.
Дӕ цагъары кӕй сӕрибар кӕныс, ууыл ма маст кӕн: уый дын ӕхсӕз азмӕ дыууӕ ӕххуырстӕй фылдӕр пайда ӕрхаста, Дунедарӕгӕй та, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕн дӕ алы хъуыддаг дӕр.