8 Тӕхуды, куы сӕххӕст уаид мӕ курдиат, куы нӕ мын фӕсаид ме ’нхъӕлц Хуыцау!
йӕхӕдӕг дарддӕр ахӕцыд ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры иу бонцауы бӕрц куы бауади, уӕд уым иу ран ӕхсӕлыйы къутӕры бын ӕрӕнцад ӕмӕ мӕлӕт куырдта йӕхицӕн: «Ӕгъгъӕд мын фӕуӕд, Дунедарӕг! Мӕ бон нал у, айс мын мӕ уд! Ӕз дӕр мӕ фыдӕлтӕй хуыздӕр куынӕ дӕн».
Цардӕй мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис, ӕмӕ куыннӕ кӕнон хъарджытӕ? Мӕ уды хъизӕмар раргом кӕндзынӕн.
Мӕлӕтмӕ бӕргӕ у сӕ каст, фӕлӕ — нӕй, хӕзна ссарынӕй сын уый уынд ӕхсызгондӕр уаид.
Ныццин кӕниккой уыдон сау ингӕныл, чырыныл кӕй фӕхӕст сты, ууыл.
Ахӕм хойрагыл бандзӕвон, уый дӕр мын ӕнад у, ныр ме ’намонд сси мӕ хойраг.
Тӕхуды, Хуыцауы мӕ ныцъцъист кӕнын куы бафӕндид ӕмӕ мын мӕлӕтдзаг цӕф куы ныккӕнид!
Уӕдӕ мын ныр, Дунедарӕг, айс мӕ уд, уымӕн ӕмӕ мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».