7 Ахӕм хойрагыл бандзӕвон, уый дӕр мын ӕнад у, ныр ме ’намонд сси мӕ хойраг.
Уый йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, къӕбӕры мур мӕм нӕй. Ӕрмӕстдӕр мӕм дурыны мидӕг ис иу армыдзаг ссад, хъуырауы мидӕг та — иу чысыл сой. Ӕмӕ мӕнӕ суджы дыууӕ лыггаджы ахӕссон, фӕстаг хӕринаг скӕнон мӕхицӕн ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн, стӕй амӕлдзыстӕм».
Зӕгъут сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ бакӕнут ӕмӕ йын мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхон, уӕдмӕ“».
Мӕ тыхулӕфт мӕ хӕринаг у ныр, мӕ хъӕрзын донау ивылы.
ӕмӕ уӕд хойрагыл йӕхи атигъ кӕны, цы хуыздӕр хӕринӕгтӕ нал фӕмысы.
Ӕдзӕхх хойраг адӕн кӕмӕн у? Айчы урсы цӕй ад ис?
Тӕхуды, куы сӕххӕст уаид мӕ курдиат, куы нӕ мын фӕсаид ме ’нхъӕлц Хуыцау!
Йӕ маст нӕ судздзӕни мыггагмӕ, ӕнустӕм маст Йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.
Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз мӕхи никуыма фӕчъизи кодтон. Нӕдӕр холы, нӕдӕр, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм дзидза никуы бахордтон ме ’взонгӕй нырмӕ. Ницы чъизи фыд схастон мӕ дзыхмӕ».
Ноджы ма мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ӕз Йерусалимы хойраджы ӕвӕрӕнтӕ скуынӕг кӕндзынӕн. Сӕ къӕбӕр катайгӕнгӕ хӕрдзысты барстӕй, сӕ дон дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ барстӕй нуаздзысты.
хӕрзад хӕринӕгтӕ нӕ хордтон, дзидза ӕмӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, стӕй ӕртӕ къуырийы мӕ сӕр сойӕ дӕр нӕ байсӕрстон.