Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Иовы чиныг 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕдзӕхх хойраг адӕн кӕмӕн у? Айчы урсы цӕй ад ис?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Иовы чиныг 6:6
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныхӕстӕ хъус не ’взары, комарынг ад не ’нкъары?


«Ахӕм ныхӕстӕ ӕз бирӕ фехъуыстон, уӕ ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕй масты ӕфтаут ӕрмӕстдӕр.


Уымӕн ӕмӕ хъус ныхас ӕвзары, ком та ад зоны.


Ӕргом ныхас зын уромӕн у, фӕлӕ уӕ уайдзӕфтӕ куы ницы марынц!


Ау, ме ’взаг сайгӕ кӕны, ау, мӕ ком мӕнгдзинады ад нал иртасы?!


Искуыдӕр ма хъӕддаг хӕрӕг хизгӕ-хизын фӕуасы? Искуыдӕр ма гал йӕ кӕвдӕсы раз богътӕ фӕкӕны?


Ахӕм хойрагыл бандзӕвон, уый дӕр мын ӕнад у, ныр ме ’намонд сси мӕ хойраг.


Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа.


Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.


Цӕхх хорз у, фӕлӕ цӕххӕн йӕ ад куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ?


Уӕ ныхас кӕддӕриддӕр уӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ нывыл: зонут, кӕмӕн цы дзуапп дӕттын хъӕуы, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ