3 Уӕд денджызы змисӕй уӕззаудӕр уаид, мӕ дзыхы дӕр ныхас уымӕн нӕ бады.
«Раздӕрау мӕ судзаг хъӕстытӕ кӕнын, Йӕ къухы уӕзӕй хъӕрзын.
уӕд мӕ раст тӕрӕзтыл сбарӕнт, ӕмӕ Хуыцау базондзӕн, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уый.
Кувын ӕз: «О Дунедарӕг! Батӕригъӕд мын кӕн! Сдзӕбӕх мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын дӕн Дӕ разы!»
уый мах сӕ байзӕддагӕй нӕ бамбӕхсдзыстӕм: фӕстагӕттӕн ракӕндзыстӕм Дунедарӕджы кады хъуыддӕгты, Йӕ хъомысы, Йӕ диссӕгты кой.
Дур уӕззау у, змис дӕр рог нӕу, фӕлӕ зондцухы митӕ — ноджы уӕззаудӕр.
Ӕрцӕут Мӕм, йӕ уӕззау уаргъӕй чи сфӕлмӕцыд, уыдон, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой.