28 Ӕрбакӕсут-ма мӕм, уӕхи раз уӕ нӕ асайдзынӕн!
Дӕ дзӕгъӕлдзырдмӕ дын хъуамӕ хъусӕй лӕууӕм, куы нӕ хъазай, уӕд дын макӕ мачи зӕгъа?
Сымах та мӕ дзӕбӕх кӕнут мӕнгдзинадӕй, уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг хосгӕнджытӕ!
Кӕд афтӕ нӕу, уӕд мӕ багӕды кӕнут, мӕ ныхӕсты ныхмӕ исты зӕгъут».
уӕдмӕ ме ’взаг гӕды ныхас нӕ зӕгъдзӕни, уӕдмӕ мӕнг ныхас не ссӕудзӕни мӕ дзыхӕй.
Мӕ ныхӕстӕ мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ цӕуынц, ӕмӕ мӕ дзыхӕй рӕстдзинад йеддӕмӕ ницы схаудзӕн.
Дызӕрдыг ма кӕн — ницы мӕнг зӕгъдзынӕн, мӕнӕйуый цы дзуры, уый бӕлвырд зоны.